Осетинская колыбельная песня текст

Обновлено: 15.05.2024

А-ло-ла, а-ло-ла!
Лæппу фынæй акæна.
Уæлæ хъæндил æруайы,
Йæ къахдзæфтæ нымайы.

Ацы хъæндил — хъæндилæг,
Йæ базыртæ — æрттиваг,
Йæ астæуыл — цыргъ хъама,
Йæ уæлæ та — цъæх цухъхъа.

— Кæдæм уайыс, хъæндилæг?
— Хохæй уайын быдырмæ!
— Цæмæй цæрыс быдыры?
— Урс кæндысæн йæ бынæй,
— Урс кæндысæн йæ сæрæй!

— Цæргæ та дзы кæм кæныс?
— Айчы хъузджы — мæ хæдзар,
Карды комыл — мæ фæндаг,
Судзины бын — мæ дуар.

— Цытæ хуыйнынц дæ фырттæ?
— Тинтæ æмæ Тыбылтæ.
— Цæмæй хъазынц дæ хуртæ?
— Тины хъазæн фæрæтæй.
Ныццæвынц æй зæвæтæй.

А-ло-ла, а-ло-ла!
Лæппу фынæй акæна.
Уæлæ хъæндил æруайы,
Йæ къахдзæфтæ нымайы…

Читайте также: