Лана шавлохова зардай зардама текст песни
Обновлено: 23.11.2024
Тæходуй, ку базонинæ,
Кудæй нур дæ рæсугъд цард;
Феронх дæ æви фæкæнис,
Мæнмбæл ду æнкъард, æнкъард;
Ка дæ уарзуй мæнæй фулдæр,
Ке уарзтæй нур дæр мæлис;
Нур дæр ма мæ зæрди арф,
Еунæг дæр ду ку цæрис;
Зæгъунцæ мин нæ исхондзæй,
Е дæу амонд, амонд;
Мæнгард дан æй, ба æй иронх уо,
Уотæй уомæн йæ исконд;
Нæ зонунцæ куд хъазар дæ,
Мæнæн, о, мæ бон, мæ бон;
Фал нæ зонун куд уодзæн,
Мæнæн мæ исон;
Зæрдæй зæрдæмæ цубур æй над,
Исрæсугъд кодтай мæнæн мæ цард;
Хор ракæсдзæнæй дæ зæрди,
Мацæбæл кæнæ фæсмон;
Кадæр нæбал æй дæ царди,
Феронх ин кæнæ йæ ном;
Мæ зæрдæн йæ тæккæ арфи,
Рагæй дæр ду ку цæрис;
Хори бæсти дæр мæ уоди,
Еунæгдæр ду ку гъæуис;
Ду ба æндæр кедæр хæццæ,
Дæ фæндтæ нур дæр бæттис;
Нæ лæдæрис кизги сагъæс,
Ех, куд мæ нæ лæдæрис;
Æрхун кæнун дæр не’ ндеун,
Æфсæрми дæр ку кæнун;
Рагæй дæр кедæр бийнонти,
Нивгунæй æз ку цæрун;
Æрæфтуйуй хъæбæр арæх,
Мæ зæрди дæ рæсугъд ном;
Фал нæ кæнун нецæбæл,
Ацибон фæсмон, фæсмон;
Зæрдæй зæрдæмæ цубур æй над,
Исрæсугъд кодтай мæнæн мæ цард;
Хор ракæсдзæнæй дæ зæрди,
Мацæбæл кæнæ фæсмон;
Кадæр нæбал æй дæ царди,
Феронх ин кæнæ йæ ном.
Читайте также: