Владимир баллаев ма фыд текст песни
Обновлено: 22.12.2024
1куплет:
Мæ фыд мæнæн дæ мæ цæугæ мæсыг гъе
Æмæ дæ сæр бæрзæндты хæссын гъе
Цай бæрц рæвдыд ис дæ цæстынгæсы гъе
Рæсугъд фынау мæ дæхимæ æлвасыс гъе
Дæ уæздан ныхас зæрдæйы тавы гъе
Уæд ын йæ зынтæ йæ фаллад сафы гъе
*Припев*
Мæ фыд, бирæ дæ уарзын гъе
Æмæ дын кæнын гъе ацы зарæг гъе
2куплет:
Нæ хæдзар рухс у мæ фыд дæ фарнæй гъе
Дæ хорз æгъдæуттыл æз фидар хæцын гъе
Æппын æдзухдæр ды худгæ кæсыс гъе
Нæ рæсугъд цардмæ ды цинтæ хæссыс гъе
Уæздан хистæртæ , нæ буц кæстæртæ гъе
Нымæц куы нæ ис дæ хорз хæлæрттæн гъе
*Припев*
Мæ фыд, бирæ дæ уарзын гъе
Æмæ дын кæнын гъе ацы зарæг гъе
3куплет:
Хæсты быдыры ызнæгты састай гъе
Æмæ нын дема уæлахиз ысхастæй гъе
Фæрнæй куы кусыс нæ сабыр царды гъе
Нæ бæсты намыс, нæ бæсты кæдыл гъе
Дæ хæрзиуджытæ, дæ фæтæн риуыл гъе
Сæууон стъалытау тæмæнтæ калынц гъе
*Припев*
Мæ фыд, бирæ дæ уарзын гъе
Æмæ дын кæнын гъе ацы зарæг гъе
Читайте также: