Уалдзаджы бауарзтон иу хатт песня текст

Обновлено: 05.10.2024

Булæмæргъ фестадтæн æмæ ныззарыдтæн,
Зарæг мæ минæвар уыд.
Зарæг мæ цин зарæг афтæ æз самыдтон,
Æмæ ныррухс и дæ уд.

Хурмæ зилæгау мæнырдæм ды разылдтæ,
Хурау æргом уыд дæ каст.
Гъе уæд куы райхæлд нæ уарзт.> x2

Байхъус дæ зæрдæмæ, байхъус мæ зæрдæмæ –
Иу зарæг зарынц уæдæй.
Æмæ йын бамынæг нæй.> x2

Иу хатты уалдзæг рæсугъдæй куы рацæуы
Уарзæттæм цингæнгæ, уæд.
Ногæй дын дзурын мæ фæнд.> x2

Хуры лæппуйау дыл алкæддæр зардзынæн,
Уарздзынæн ног æмæ ног,
Уарзты кæлæнтæ дæ цæстытæй нуаздзынæн,
Нуаздзынæн амонды ронг.

Уалдзæджы бауарзтон иу хатт дæ цæстытæ,
Мидбылты худтæ æргом.
Гъе уæдæй дзурын дæ ном.> x2

Байхъус дæ зæрдæмæ, байхъус мæ зæрдæмæ –
Иу зарæг зарынц уæдæй.
Афтæ йæ зардзыстæм ардыгæй фæстæмæ,
Æмæ йын бамынæг нæй.

Читайте также: