Текст песни хахты залта гыцци

Обновлено: 22.12.2024

Тар хъæды бæлас нын калын нæ комы,
Ой, æмæ, калын нæ комы.
Куы кала, уæддæр хъæды кæронмæ,
Ой, æмæ, хъæды кæронмæ.

Нанайы буц чызг нын моймæ нæ комы,
Ой, æмæ, моймæ нæ комы.
Куы кома, уæддæр хъæуы кæронмæ,
Ой, æмæ, хъæуы кæронмæ.

Горæты фаетон – къареты хуызæн.
Тæхуды гъе уым цæуынæй бафсæд.
Мæнæн мæ уарзон – къафеты хуызæн.
Тæхуды йемæ цæрынæй бафсæд.

Терчы бабызтæ куы ’рбамбырд вæййынц,
Куыннæ дзы вæййы бæлоны хуызæн.
Иры лæппутæ куы ’рбамбырд вæййынц,
Куыннæ дзы вæййы мæноны хуызæн.
15 Rus

Читайте также: