Текст песни хъабулай амонд

Обновлено: 04.10.2024

Хъæбулы стыр цин цы амонд дæтты,
Æз уый агуырдтон арвы кæрæтты.
Æз уый агуырдтон мæ хуыздæр азты,
Сыгъзæрин хуры фæлмæн ыскасты.

Базард:
Хъæбулæй амонд цæй тынг зынаргъ дæ,
Бæрзонд уæлæрвтæй мæ дзырдмæ тахтæ.
Зæрдæйы ныхас уæлæрвтæм хъуысы,
Ныр хурау худыс мæ хъарм хъæбысы.

Хъæбулæй амонд – зæрдæйы мæсыг,
Хъæбулæй амонд – мæ цины цæссыг,
Æз æй агуырдтон хæххон уæлвæзты,
Æрвдидинджыты сæууон ныхæсты.

Мæн афтæ фæнды, мæ адджын кæстæр,
Бирæ куыд уарзай нæ Иры бæстæ.
Ирон лæджы ном бæрзонд куыд хæссай,
Фыдæлты зæххæн цытæн куыд бæззай.

Уалдзæг рæсугъд у йæ худгæ хурæй,
Ныййарджытæ та – сæ буц хъæбулæй.
Цы хур мыл ракаст, цы цин æрцыди?
О, уыцы амонд нырмæ кæм уыди?

Читайте также: