Текст песни букул осетины

Обновлено: 22.12.2024

Ло-ло, ло-ло, а-ло-ла!
Лæппу фынæй акæна.
Уæлæ хъæндил æруайы,
Йæ къахдзæфтæ нымайы,
Ацы хъæндил-хъæндилæг,
Йæ базыртæ-æрттиваг,
Йæ астæуыл-цыргъ хъама,
Йæ уæлæ та-цъæх цъухъхъа.
-Кæдæм уайыс, хъæндилæг?
-Хохæй уайын быдырмæ!
-Цæмæй цæрыс быдыры?
-Сау кæндысæн йæ бынæй,
Урс кæндысæн йæ сæрæй!
-Цæргæ та дзы кæм кæныс?
-Айчы хусы-мæ хæдзар,
Карды комыл мæ фæндаг,
Судзины бын мæ дуар.
-Цытæ хыуйнынц дæ фырттæ?
-Тинтæ æмæ Тыбылтæ.
-Цæмæй хъазынц дæ хуртæ?
-Тины хъазæн фæрæтæй,
Ныццæвы йæ зæвæтæй.
Фæрæт арвмæ фæхауы,
Стъалытæ нызгъалы,
Арвы дуар ныссæтты.
Иухатт гомæй аззадис,
Иу сау бæх дзы ракастис.
-Чи йын быдта йæ къæдзил?
-Сырдон быдта, тых быдта.
-Уæд Сырдонæн цы загътай?
-Ратт мын, Сырдон, да иу фат.
-Мæ иу фатæй цы кæныс?
-Ме знæгты дзы ныццæгъдон,
Дзæбидыр дзы æртулон,
Мæ хæлæртты æрхонон!
-Дард у, хъæндил, дæ фæндаг,
Суадз уал нæм фысыммæ,
Ардæм рауай, мæ хурмæ,
` Мæ йын рахæсс хæрзфынтæ!
Мæнæ хъæндил æрхæццæ,
Цинæй дзаг у йæ зæрдæ,
Авдæн узы чысылæн,
Кадæг кæны мæ хурæн!
Перевод:
Ло-ло, ло-ло, а-ло-ла!
Пусть мальчик поспит
Вон жук идёт,
Он свои шажки считает,
Это-жук-жучок,
Его крылья-блестящие,
На поясе-острый кинжал,
А на нём-серая черкеска.
-Куда идёшь, жучок?
-С гор иду на равнину!
-Чем живёшь на равнине?
-Чёрной травы корешком,
Белой травы верхушкой!
-А где живёшь там?
-В яичной скорлупе-мой дом,
По лезвию ножа моя дорога,
Игольное ушко-моя дверь.
-Как зовут твоих сыновей?
-Тинта и Тыбылта.
-Чем играют твои солнышки?
-Тин играет топором,
Ударяет по нему пяткой,
Топор подлетает до неба,
Звёзды стряхивает с него.
Проламывает небесную дверь.
Однажды открытой она осталась,
Одна чёрная лошадь выглянула из неё.
-Кто заплетал ей хвост?
-Сырдон заплетал, сила заплетала.
-Что ты тогда сказал Сырдону?
-Дай мне, Сырдон, одну свою стрелу.
-А зачем тебе одна моя стрела?
-Хочу истребить ею своих врагов,
Тура скатить (с горы),
Пригласить друзей на пир!
-Далека, жук, твоя дорога,
Отдохни пока у нас!
Погости пока у нас,
Иди сюда, к моему солнышку,
И принеси ему добрые сны!
Вот жук пришёл,
Радостью полно его сердце.
Колыбель качает малышу.
Сказание сказывает моему солнышку!(Ирон адæмон сфæлдыстад: том 2).

Читайте также: