Слова песни аз ирон чызг дан

Обновлено: 22.12.2024

Арвы хуырзæрин фæзыны,
Æз куы базарын мæ зард,
Дымгæ мæм фæлмæн фæхуды,
Цинæй дзаг вæййы мæ цард,
Зары булæмæргъ йæ зарæг,
Хæхты ’хсæнæй дон кæлы.
Æз ирон чызг дæн, ирон чызг,
Уый мæ зарæгæй зæгъын.

Æз ирон чызг дæн, ирон чызг,
Сау дзыкку ’мæ сау æрфыг,
Диссаджы рæсугъд — мæ бакаст,
Æз — Ирыстоны фæрдыг

Диссаг у мæ уынд, мæ бакаст
Зондæй дæр Сатанæ дæн
Цæй нæ фидауы æппæлын
Мæнæ та ныфсæрмы дæн
’Фсарм хъæуы, мæ хорз хæлæрттæ,
’фсарм иронæн у йæ кад
Аргъ кæнут æрмæст уæ нæмттæн
Æфсарм иронæн у йæ мæт

Алы ран дæр иу ирон чызг
Кад ’мæ йе ’гъдауæй бæрæг
Номджын, æмбарон æмæ уарзон
Хохаг суадонау сыгъдæг.
Райдзаст бонтæй дзаг уæд бæстæ,
Цин æнæвгъауæй кæлæд,
Æмæ уадз ирон сылгоймаг
Царды хæрзтæй хайджын уæд.
(базард)

Читайте также: